«Стратегиа Агъмашенебели» Зугдиды, Дадианиты историон кæрты æвзæрстгæнджытæн программæ базонын кодта
Политикон змæлд «Стратегиа Агъмашенебели» Зугдиды, Дадианиты историон кæрты фарсхæцджытæн разæвзарæнон программæ базонын кодта. Æвзæрстгæнджыты раз дзырдæй ралæууыдысты иугонды лидер Гиорги Вашадзе, афтæдæр Такъо Чарквиани æмæ Теона Акубардиа.
Гиорги Вашадзе фæныхас кодта сæ бакуыст стратегийы фæдыл æмæ бæстæ цы проблемæты раз лæууы, уыдоны алыгы фæндæгтыл.
«Алы регионы, куыд æнæхъæнæй бæстæйы, тынг хъуагдзинад, æбуалгъ криминал æмæ нигилизм æрфидар сты. Растдæр ахæм у уый фæстиуæг, цæмæй «Саст Бæллиццы» парти аст азы дæргъы сæ иуныг ныфсæвæрд дæр нæ сыххæст кодтой. Ныр афон у, радайæм арæзтад æмæ арæзтады стратеги скусын кæнæм» – ацы ныхæстæй баздæхт æвзæрстгæнджытæм Гиорги Вашадзе.