«Стратегиа Агъмашенебели» -  медиаторты бавдыст документ бафысдзæн
«Стратегиа Агъмашенебели» - медиаторты бавдыст документ бафысдзæн

«Стратегиа Агъмашенебели»  куыд бæрнон  оппозицион  парти  афтæ нымайæм, цæмæй  хъуамæ спайда кæнæм  иумæйаг   тохæй цы фадæтты  рудзынг фæзындис  уымæй  æмæ  къух бафыссæм   нæ ныгуылæйнаг, объективон  æмæ рæстаг   медиаторты  бавдыст  документыл, кæцы  уæвæг аиппытæм нæкæсгæйæ,  кæцытæ æвзæрынц  компромисстæй, алчи иумæ хъуамæ скæнæм раст æрдæм раздæхыны, стыр  ивддзинæдты  фæсæттæн тæппæй», – уый фæдыл «Стратегиа Агъмашенебелийы»  лидер Гиорги Вашадзе  фехъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   бадзырд  йæ  миниуæгæй  йæ  хъуыдыйы  дары   компромисстæ æмæ уый тыххæй бавдыст документ  гæнæн ис  ма уа  идеалон.

«Уымæ гæсгæ  дæр,  кæнæ  ссардзыстæм  кризисæй фервæзæн  амал бадзырды фæрцы, кæнæ  æнæкомпромисс æмæ æнæфидаугæ  архæйдтæй  ноджы иу хатт,   гуырысхойаг скæндзыстæм  сæрибардзинад æмæ  нæ  падздахаддзинад, цæмæй дæр спайда кæндзæн,  нæ æмбæстагтæ нæ фæлæ,  знаг падздахад, кæцыйы тыххæй  нын бирæ хæттыты  амыдтой   Америкæйы Сенаты æмæ Европарламенты трибунæтæ.   О, фæнысангонд бадзырд  нæу  уæлахиздзинад, фæлæ уæвæг уавæры,  дзæбæх  аууæлттæ  æвзæрын кæны уæлахиздзинадæн», – райхъусын кодта Гиорги Вашадзе.

Европаг Советы президент Шарль Мишель, политикон  партитæн  ног документ  знон бавдыста.  Сæрмгаондæй та, Шарль Мишелы  бавдыст   ног  документмæ гæсгæйæ,   «Гуырдзиаг Бæллиццы»  æнхъарæнмæ æмбæлгæйæ, 2022 азы снысан уыдзæн   æмгъуыдагъоммæ  парламентон æвзæрстытæ,  кæд хицаугæнæг парти, бынæттон хæдуынаффæйы  æвзæрстыты 43 проценттæй  къаддæрдæр хъæлæстæ райсдзæн.

Уыимæ иумæ, Шарль Мишелы документмæ гæсгæйæ,   бадзырд бафыссынæй  иу къуыримæ,  фарсытæ  политизиргонд нымад  дыууæ  хъуыддаг  хъуамæ ногæй æркæсой.