Страсбургы тæрхондоны скъуыддзагмæ гæсгæ, Уæрæсе хæсджын у Гуырдзыстонæн бафида 253 милуан евройæ фылдæр, цæугæ оккупацийы тыххæй компенсацийы хуызы
Страсбургы тæрхондоны скъуыддзагмæ гæсгæ, Уæрæсе хæсджын у Гуырдзыстонæн бафида 253 милуан евройæ фылдæр, цæугæ оккупацийы тыххæй компенсацийы хуызы

Страсбургы тæрхондон 2025-æм азы 14-æм октябры «Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ — афтæ хуынæг дарддæргæнæг оккупацийы» хъуыдтагы компенсацийы фæдыл æскъуыддзаг расидтис.

Æскъуыддзагмæ гæсгæ, Уæрæсе хæсджын у Гуырдзыстонæн компенсацийы хуызы бафидын 253 милуан евройæ фылдæр.

«Тæрхондон райста вазыгджын юридикон позици æмæ Гуырдзыстоны хицауады бавдыст бæлвырдгæнæнтæ, æмæ уый фæстиуæгæн Уæрæсейы Федерацийæн бахæс кодта 253 018 000 евро бафидын Гуырдзыстоны 29 000-æй фылдæр зианбаййафæг æмбæстагы хæрзиуæгæн.

Æхсæнад куыд зоны афтæмæй, 2024 азы 9-æм апрелы ацы цауы фæдыл ист æрцыд уынаффæ, кæцыйы фæрцы Уæрæсе нымад æрцыд æххæстæй бæрноныл массон æфхæрдтыты, ахстыты, бырстыты, лæгмарды æмæ ахæм фактты фæдыл официалон æмразыдзинады практикæйы, кæцытæ æрцæуынц оккупацигонд территоритыл æмæ оккупацион хаххыл. Снысангонд архайдтытæ цæуынц Гуырдзыстоны территориты оккупацийы æмæ афтæ хуынæг «бордеризацийы» фоныл.

Абоны уынаффæ у Уæрæсейы ныхмæ рамбулгæ историон хъуыддæгты логикон адарддæр. «Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ (I)»-йы хъуыдтагы, кæцы хауы афтæхуыйнæг депортацимæ, кæцы баст у гуырдзиæгты массонæй Уæрæсейæ ссæрибар кæнынимæ, Страсбургы тæрхондон Уæрæсейы Федерацийæн бахæс кодта этникон гуырдзиæгты массон депортацийы æмæ сæ адæймагон барты карз хæлды тыххæй 10 милуан евройы онг бафидын. Æхсæнад афтæдæр зонгæ у хъуыдтаг «Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ (II)»-ы фæдыл уынаффæимæ — 2008 азы августы афтæ хуынæг хæстон хъуыддаг, кæцымæ гæсгæ Уæрæсейы Федераци хæсджын уыд бафидын 130 милуан евройы онг Гуырдзыстоны æмбæстæгты ныхмæ хæсты рæстæджы æмæ уый фæстæ арæзт массон хæлдтыты тыххæй.

Уæрæсейы Федераци Европæйы Советы уæнг кæй нал у, уымæ æнæкæсгæйæ, уымæн уæддæр ис юридикон хæс ацы уынаффæтæ æххæст кæнын, æмæ алы боны тыххæй дæр, кæцы фæфæстиат вæййы, ист цæуынц æмбæлон ивартæ.

Ацы æскъуыддзæгты сæххæсты фæдыл куыст даргъ кæны Евросоветы министрты комитеты фæлгæтты Гуырдзыстоны активон хайадистæй.

Гуырдзыстоны юстицийы министрад бузныг зæгъы уыцы паддзахадон уагдæттæн, кæцытæ истой хайад бæлвырдгæнæнты æмбырд кæныны, æмæ арфæ кæны æнæхъæн Гуырдзыстоны адæмæн ацы историон уæлахиздзинадæй» – ис фыст Гуырдзыстоны юстицийы министрады информацийы.