Страсбургы тæрхондон Уæрæсейы, Гуырдзыстонæн компенсацийы хуызæй 129 милуан евройы бафыст бахæс кодта
Страсбургы тæрхондон Уæрæсейы, Гуырдзыстонæн компенсацийы хуызæй 129 милуан евройы бафыст бахæс кодта
2008-æм азы хæсты хъастыл, адæймагы барты европон тæрхондон, Уæрæсейы, Гуырдзыстонæн компенсацийы бафысты фæдыл æскъуыддзаг райста.
Страсбургы тæрхондоны официалон информацимæ гæсгæ, Уæрæсе, 2008-æм азы Гуырдзыстонмæ бабырсты фæстиуæг, æмбæстæгты ныхмæ ист хæлдтытæ æмæ зиан, Гуырдзыстонæн æртæ мæйы мидæг хъуамæ бафыстаит.
Европайы тæрхондоны стыр палата, 2008-æм азы хæсты фæдыл Гуырдзыстоны хъасты фæдыл, рæстадон компенсацийы хайы, уæлæмхасæн æскъуыддзаг райста европон конвенцийы 41-æм пунктмæ гæсгæ, кæцы йæ зæрдыл нæ дардта 2021-æм азы сæйраг æскъуыддзаг.
Тæрхондоны æскъуыддзагмæ гæсгæ, йæ юрисдикцийæ, бакæса Гуырдзыстоны æркуырдкомпенсацийы фæдыл, æнæкæсгæ уымæ æмæ Уæрæсейы, Евросоветæй 2022-æм азы рацух кодтой æмæ уырыссаг фарс нæ куыста тæрхондонимæ фарстайы бакасты рæстæджы.
Тæрхондон сбæлвырд кодта, цæмæй конвенцийы 41-æм пункт уыд пайдагонд раздæр цæугæ хъуыддагыл Хуссар Ирыстоны хъæуты æмæ «буферон знайы» сабырадон æмбæстæгты лæгмарды административон практикайы амæттагты æрдæм, «буферон зонайы» хæдзæртты басыгъд æмæ бастыгъды административон практикайы æнæадæймагон ахаст.
«Хуссар Ирыстоны МХМ» падвалы, Цхинвалы 2008-æм азы 10-27 æм августы периоды, афтæ дæр 2008-æм азы 8-17 августы, Цхинвалы, Хуссар Ирыстоны тыхтæ ахстой гуырдзийаг æфсæдтоны, уацайрæгты хъизæмар.
Страсбургы тæрхондон бæлвырд кæны , цæмæй дзуаппдæттæг паддзахад, æртæ мæйы мидæг хъуамæ бафыстаит 3 250 000 евро уыцы зианæн, кæцы 50 адæймагмæ хауы.