Страсбургы, Европæйы советы галуаны раз, Зураб Жваниайы стъалы байгом кæндзысты
Страсбургы, Европæйы советы галуаны раз, Зураб Жваниайы стъалы байгом кæндзысты. Галуаны раз, уыцы номдзыд политикъон архайджыты стъалытæ ис, кæцытæ Европæйы советы куыстмæ сæрмагонд хайбавæрд бакодтой. Сæ нымæцы Гуырдзыстоны раздæры премьер-министры ном æмæ мыггаг дæр уыдзæн.
СТъалыйыл Зураб Жваниайы ном æмæ мыггагимæ иумæ, политикъы иуæй-иу сеппæтæй зындгонд фразæ дæр ныффысдзысты – «Æз Гуырдзиаг дæн, гъе уæдæ æз дæн европæйаг». Ацы фразæ Жваниа 20 азы размæ, растдæр Европæйы Советы парламентон ассамблейы рабадтыл загъта, ассамбоейы æмхъæлæсонæй йæ фарс куы рахæцыд Евросоветы Гуырдзыстоны уæнг суæвынæн.
«Сæрыстыр стæм, Зураб Жваниайы стъалы кæй байгом уыдзæн ассамбле1йы галуаны раз. СТъалытæ иу байгом кæнынц сæрмагондæй зынгæ адæймæгтæн, кæцытæ сæрмагонд роль сæххæст кодтой евросоветы æмæ уый махæн тынг ахсджиаг фæзынд у»- райхъусын кодта Евросоветы Гуырдызстоны парламенты делегацийы къухдариуæггæнæг Тавмар Чугошвили.