«Страсбургы æскъуыддзаг Мерабишвилийы хъуыдтагыл нæ ивы Гуырдзыстоны ист æскъуыддзагы законондзинад»
Парламенты юридион фарстаты комитеты сæрдар Эка Беселиайы расидæнмæ гæсгæ, Вано Мерабишвилийы фæдыл Страсбургы тæрхондоны æскъуыддзаг нæ смыхуыр уыдзæн æмæ нæ баивдзæн Гуырдзыстоны националон рангыл ист никæцы инстанцийы æскъуыддзагы законондзинад. «Æскъуыддзаг деталонæй нæ федтон, коментар саразын информацийыл мæ бон у саразын фæлæ сæйраг у уый æмæ Европон тæрхондон ахсты политикон мотив рацух кодта нæ сбæлвырд кодта æмæ расидтис цæмæй ахст уыд законон. Европайы адæмагы барты тæрхондон хъуыдтагыл – Вано Мерабишвилийы Гуырдзыстоны ныхмæ, æскъуыддзаг расидтис.