Стихион æнамонддзинадæй сæвзæргæ уæлвæтк уавæрыл реагирдзинады нысанæй, Гуырдзыстоны æфсæддон тыхтæй спайда кæныны фæдыл президенты барамынды, парламент уæлрадон рабадтыл сфидар кæндзæн
Стихион æнамонддзинадæй сæвзæргæ  уæлвæтк  уавæрыл реагирдзинады нысанæй,  Гуырдзыстоны  æфсæддон  тыхтæй  спайда кæныны фæдыл  президенты барамынды, парламент уæлрадон рабадтыл сфидар кæндзæн

Гуырдзыстоны  президент, Гуырдзыстоны  æфæддон  тыхты сæйраг камандыгæнæг Гиорги Маргвеашвили  Мегрелиа-Уæллаг Сванеты,  Местиайы  муниципалитеты   стихион æнамонддзинадæй  сæвзæргæ  уæлвæтк  уавæрыл   реагирдзинады нысанæй,  Гуырдзыстоны  æфсæддон  тыхтæй  спайда   кæныны   фæдыл барамынд рауагъта.  Гуырдзыстоны конституцимæ гæсгæйæ,   президенты  барамынд  парламент  хъуамæ  сбæлвырд кæна.

Парламенты куыд дзурынц  афтæмæй,    фæнысангонд фарсты  фæыл   Тбилисы  парламенты бæстыхайы,   абон  бюройы  рабадт  ацæудзæн,   фæстæдæр та,  хъахъъæнынады æмæ   æдасдзинады  комитеты  рабадт сырæздзæн.  17:30  сахатыл та,   Кутаисы  уæвæг  парламенты  бæстыхайы  уæлрадон  рабадт ауадздзысты.  Рабадтыл æруынаффæ кæндзысты   Гуырдзыстоны президенты барамындыл.

Президенты  барамынды  банысангонд у –  Гуырдызстоны  конституцийы  100-æм стати1ы   фыццаг  пунктмæ гæсгæйæ,  куыстытæм æфтыд æрцæутæн  Гуырдызстоны æфсæддон  тыхты  ацы  дæлхайадтæ: Гуырдызстоны гарзджын тыхты  сурзæххон æфсæдты скæсæны  сæрдарад;  Гуырдзыстоны гарзджын тыхты    генералон штабы  æсфсæдты  логистикон  ифтонгады  сæрдарад.  Барамынд йæ тыхмæ  бацыд  къух рафыссыны  моментæй.