Стъигъындзинады зылынджынæн стæрхон кодтой 8 аз 6 мæйы æмгъуыдмæ ахст
Болнисы районон тæрхондон, æххæстæй сразы ис зылынгæнæг фарсы бавдыст бæлвырдгæнæнтимæ æмæ тсъигъындзинады зылынджын И.Х.-йы аххосджыныл банымадта, Гуырдзыстоны тугтæрхоны кодексы 179-æм статийы æртыккаг хайы «А» дæлпунктæй – уый фæдыл информацийы хæлиу кæны Гуырдзыстоны прокуратурæ.
«Тæрхоны процессы цы бæлвырдгæнæнтæ фæбæрæг, уыдон нымадмæ ист æрцыдысты куыд æнæфæсайгæ афтæ, æмæ фæбæрæг ис цæмæй 2017 азы 23 апрелы, фæлывдмидзинады тыхæй тæрхонмæ лæвæрд И.Х. , Болнисы районы уæвæг маркеты кассирæй кардæй æртъхъирæнæй, æрдомтта хца. И.Х.-йæн фыдракæн сæххæст кæнын нал бантыст æмæ цауы бынатæй алыгъдис, уымæн æмæ маркеты раз разындысты адæм.
Болнисы районон тæрхондон И.Х.-ы аххосджыныл банымадта бавдыст аххосагыл æмæ йын æфхæрды хуызæй стæрхон кодта 8 аз æмæ 6 мæйы æмгъуыдмæ ахст» – банысангонд у Гуырдзыстоны прокуртурæйы информацийы.