Стамбулы терроризмы аххосагæй, 82 адæймагы æрцахстой
Стамбулы  терроризмы аххосагæй,  82  адæймагы  æрцахстой

Стамбулы  терроризмы аххосагæй  82  адæймагы  æрцахстой.  Туркаг медийы  хъусинагæй,   антитеррористон   операцийы  фæлгæтты,  ахæстты  æхсæн 77  сты  фæсарæйнаг æмбæстæгтæ.    Ахæстты  зылынджын кæнынц  террористон организаци  «Исламы Паддзахад»-имæ бастдзинады.

Операци Стамбулы  16  адрисыл  ацыд.  Ахæстты æхсæн сты  Пакистаны,  Афгъанистаны, Цæгат  Африкæ  æмæ  Персы   бакæлæны  бæстæты æмбæстæгтæ,  афтæдæр равзæрдæй цæцæйнæгтæ,  кæцыты æмбæстагдзинад  бæрæг нæу.

Туркаг медийы информацийæ,   джигулы  рæстæджы,  барадхъахъхъæнджытæ  ссардтой документтæ,  кæцытæй  бæлвырд у  ахæстты  «Исламы Паддзахадимыæ»  бастдзинад.  Рауагъдад   Sabah –ы хъусинагæй,   уыдон Стамбулы  план кодтой  террористон  актытæ  сæххæст кæнын.