Стамбулы цæрæн корпусы ныккæлыны фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц æртæйы онг райрæзт
Стамбулы астуæладзыгджын хæдзары ныккæлыны фæстиуæгæн, фæмардуæвджыты нымæц, æртæмæ схызт. Инциденты рæстæджы, 12 адæймаг райстой буары зиæнттæ.
Зиабаййафджытæй æртæ адæ1ймагы сты уæззау уавæры.
Туркаг Иинформацион агентад «Анадолуйы» информацийæ, ирвæзынгæнджытæ кæлддзæгты бынæй сластой 5 аздзыд чызгы, кæцы уым 18 сахаты дæргъы уыд.
Агурæн-ирвæзынгæнæн операцийы æндæр æмæ æндæр уагдæтты 500-йы онг кусæг исы хайад. Бæстæйы прокуратурæ уадзы фæдæвзарæн. Бæстыхайы ныккæлыны гæнæн аххосæй, æнæзакъонон арæзтад хонынц.
Фондзуæладзыгджын цæрæн хæдзар 1992 азы æрцыд арызт, кæцыйыл фæстæдæр ноджы æртæ уæладзыгы бамхас кодтой.
Стамбулы азиаг хайы, Карталы сыхы, цæрæн хæдзар 6 февралы ныккалдис.