Дохтыртæн арфæйы нысанæн, кæцытæ COVID-19-ы пандемийы тасмæ æнæкæсгæ адæймæгты фервæзын кæнынæн æппæт Дунейы , сæхиуыл нæ ауæрдынц, футболы архайæг æмæ раздæры сталытæ, адæймагады хъайтартæн кады нысанæн видео-сидт ахæлиу кодтой.
«Æппæт Дунейы, медицинон персонал æмæ барвæндонтæ сæрмагонд цард рискъы бын кæнгæйæ, æххуыс кæнынц се фсымæртæн. Хъыгагæн сæ иуæй-иутæ ацы тохæн сæрмагонд цард дæр снывонд кодтой. Афтæма нысаниуæгджын рол æххæст кæнынц нæ царды уагы хъахъхъæнынады уыцы адæймæгтæ, чидæриддæр кусынц барадхъахъхъæнæг системæйы, афтекты, дуканиты, æвæрæнты, хæдзармæ бадавыны сервисты, æхсæнадон транспорты, æдасдзинады куысты æмæ медийы. Футболы стыр бинонтæ æппæт Дунейы сын арфæ кæнынц æмæ æнцой дарынц ацы стыр хъуыддаджы», – фыст ис басидты.
Акцийы хайад истой Пеле, Марадона, Бэкхем, Буффон, Каннаварро, Касильяс, Харри Кейн, Самуэль Это’О , Зинедин Зидан, Майкл Оуэн, Месут Озил, Марко Ван Бастен, Артуро Видаль æмæ бирæ æндæр – уыдон видеойы мидæг, «адæймагады хъайтартæ» зæрдиаг арфæ æмæ къухæмдзæгъд кæнынц.
«Махæн иу къухæмдзæгъд кæнынц куыд футболисттæн. Ныр та нæ рад æрлæууыд, мах сын хъуамæ аргъ скæнæм алы уыцы хосгæнæгæн, чидæриддæр нæ царды тыххæй сæхиуыл нæ ауæрдынц, бузныг сын», – дзуры Девид Бэкхем.