Специалон пенитенцион куыст- Гиорги Руруайы инциденты хайадисæг ахæсттæ æрвыст æрцыдысты карз режимы уагдонмæ
Дæлтæрхон Гиорги Руруайы инциденты хайадисæг ахæсттæ карз режимы пенитенцион уагдонмæ æрцыдысты æргъæвд. Фæнысангонды фæдыл специалон пенитенцион куысты фидиуæны мидæг дзырдæуы.
«№8 пенитенцион уагдоны фондз ахæсты, кæцытæ цæугæ азы 2 ноябры Гиорги Руруайы ныхмæ инциденты истой хайад, 3 ноябры карз режимы №6 пенитенцион уагдонмæ æрцдысты æрвыст. Уый æрцыд, сециалон пенитенцион куысты скуыддзагæй, инциденты хайады тыххæй сын режим куы фæкарз кодтой уый фæстæ.
Бакой уын кæндзыстæм, цæугæ азы 2 ноябры, №8 пенитенцион уагдоны дæлтæрхон Гиорги Руруайы ныхмæ æрцæугæ инциденты фæдыл, райдыдта фæдагуырд Гуырдзыстоны тугтæрхонон барады кодексы 126-æм статийы фыццаг прима пункты «Б» дæлпунктæй (нæмын, кæнæ æндæр хуызы къордæй тыхмидзинад).
Фæдагуырды фæлгæтты, рафарст æрцыд Гиорги Руруа, афтæма æмбæлон ахæсттæ иууылдæр æмæ инспектор» – банысангонд у фидиуæны.