Специалисттæ æмбæстæгтæм æрсидтысты, куыд наркотикон - афтæ æнæбæрæг буарадты райстæй сæхи бауромой
Наркотикты уæлдайджын дозæйæ райсты цаутыл реагир кæныны нысанæй, Гуырдызстоны, куысты æнæниздзинады æмæ социалон хъахъъхæды министрады, уагдæтты къухдариуæггæнджыты структурон иуæгты æмæ фадыджы экспертты хайадæй, ацыд фембæлд.
Мадзалыл клубон наркотиктæй цы хонынц уыдонæй пайдакæныны фæстиуæгæн фæмардуæвджыты бинонтæн тæфæрфæс ракодтой. Министрады куыд хъусын кæнынц афтæмæй, мæлæты аххосы Самхараулийы номыл тæрхонон экспертизæйы националон бюро сбæрæг кæндзæн æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр, вазыгджын у антидоты эффектджын перпараты ссарын.
Къабазы специалисттæ дзыллæмæ ноджы иу хат æрсидтысты, ма пайда кæна æнæбæрæг буарадтæй наркотикон срасыгы нысанæй. А.Х. «клубон наркотик» гæнæн ис ахæм фаталон фæтсиуджытæ райса, æндæр наркотикон фæрæзтæн куыд вæййы афтæ.
ФембæлдылЯ «опиатты» къорды наркотикон буарадты уæлдайджын дозæйæ райсты цауты æмæ «налоксоны» куыд антидотæй пайдакæныны тыххæй фæныхас кодтой. Препарат «Налоксоны» райсын гæнæн ис сæрибарæй æмæ йæ рецепты рафыссыны бар ис алы дохтырмæ.
«Зæрдыл бадаринаг у уыцы факт æмæ а.х. клубон (рекреацион) наркотикты фылдæр, хауынц психоактивон бурадтæм, кæцыты æрдм «Налоксон» эффективон нæу ( уый эффективон у æрмæстдæр «опиатты» къорды наркотиктæй фæхъæстæйы цауы). Афтæма, Гуырдзыстоны регистрацигонд «Налоксоны» уадзæг цы инструкци бакуыста уымæ гæсгæйæ, препаратæй пайдакæныны рæстæджы, хъахъъхæд хъуамæ уа æдасдзинады алы нормæтæ, фæрссаг реакцитæй хи бахизыны нысанæй. Уый тыххæй дæр Налоксоны организммы бауадзын гæнæн ис æрмæстдæр медицинон персоналы кæнæ уыцы уæнгты руаджы, кæцытæ ацыдысты æмбæлон медицинон бацæттæ.
Фæнысанкæнинаг у цæмæй глобалон фонды æмæ министрады æххуысæй, «Зиан фæкъаддæр кæныны хызаг» 2009 азæй, æнæруромгæйæ ифтонг кæны наркотиктыл дæлбаруæвæг уæнгты «Налоксонæй» (афæдзы мидæг 12 000 ампулæ) кæцытæн афтæдæр уагъд цæуы æмбæлон бацæттæ препаратæй пайда кæныны тыххæй. Ацы рæстæджы Гуырдызстоны æххæст цæуы наркотикты дæлбар уæнгты ивгæ терапий «Бупренорфин-Налоксонæй» – хъусын кæнынц министрады.
Уагдоны информацийæ фембæлды хайадисджытæ наркотиктæй уæлдайджын дозæйæ райсты цауты превенцийы фæндæгтыл æруынаффæ кодтой æмæ æмбæстæгтæм æрсидтысты, куыд наркотикон, афтæдæр æндæр æнæбæрæг буарадтæ райсынæй хиуылхæцынмæ.