Созар Субари -Чъуберы хæдзæртты ныппырхы тæссагдзинад нал ис, уавæр фæхуыздæр ис
Созар Субари -Чъуберы хæдзæртты ныппырхы тæссагдзинад нал ис, уавæр фæхуыздæр ис

Созар Субари -Чъуберы хæдзæртты ныппырхы тæссагдзинад нал ис, уавæр фæхуыздæр ис

Уæлвæткъон штабы фыццаг къаналæн куыд расидтысты, зианбаййафджытæ компенсаци райсдзысты.

Чъуберы даргъ кæны панелон хиды амад, кæцыйы фæрцы цæугæдоны галиу былмæ уæззау техникæ хъуамæ аргъæвой. Хиды амады процессы фæудмæ уæлвæткон штабы  спикер Созар Субари сом æнхъæлмæ кæсы.

Субари эксперттимæ иумæ бынатыл ис, кæцы ран дæр стихийы фæстиуæг уæззау уавæр ис. Субарийы расидæнмæ гæсгæ, бынатыл ситуаци стабилон у.  Хиды амады процесс батагъдгонд темптæй даргъ кæны.

Хихъахъæнады министрады панелон хид Чъуберы централон хиды бынатыл хъуамæ сывæрой. Централон æмæ æндæр хидтæ, цалдæр хæдзаримæ иумæ, цæугæдон Ненскрайы донывылды фæстиуæг бабын сты.