Созар Субари -  æвæндаг æрбайсæфтты  бацагуырды  хъуыддаджы нын абхазаг фарсимæ  хорз динамикæ ис
Созар Субари - æвæндаг æрбайсæфтты бацагуырды хъуыддаджы нын абхазаг фарсимæ хорз динамикæ ис

Æвæндаг æрбайсæфтты  фæстæмæ  раласыны  фарстыл абхазаг  фарсимæ  радон  фембæлд сырæзт.   Фембæлды  фæдыл оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæй  тыхбын бынативгæ  уæнгты,  цæрæнуатты  райуæрсты  æмæ  лигъдонты хъуыддæгты  министр Созар Субари, парламенты комитетты рабадтыл  дзырдæй ралæуды рæстæджы фæныхас кодта.

ЙÆ ныхæстæм гæсгæ,   иттæг нысаниуæгджын у уый, цыдæриддæр  ацы æрдæм  арæзт цæуы æмæ тынг дзæбæх динамикæ  фæбæрæг ис  зæгъгæ.

«Адон стыабхазаг фарсимæ Сырх Дзуары  æххуысæй  уагъд фембæлдтæ,  кæцы  æххæссынц, æвæндаг æрбайсæфтты   баацагуырдмæ.  Иттæг нысаниуæгджын  процесс у.  Бирæ бинонтæм ныфс ис,  цмææй  искуы  сæ  хъæбулты,  кæнæ ныйарджыты, бинонты уæнгты  ингæнтæ  уæддæр ссардзысты.  Абон  ацы ингæнтæ ссардтам, бирæтæ раластам,  сæдæйæ фылдæр адæймагы  идентификаци сырæзт.   Æдæппæт æртæ сæдæйæ  фылдæр адймагы марды  идентификацийы  процесс  цæуы. Ай иттæг нысаниуæгджын у.  Ацы адæм ныгæд уыдысты  хуымæтæг  уæлмæрдты,  уыцы адæймæгтæ кæцытæ   хæсты уавæрты фæмардысты  æмæ абон,  нырма  дæр ис  ахæм адæймæгтæ, кæцытæ   сæхи цæстæй  феддтой  сæ  мæлæт, сæ зæрдыл сæ дарынц  æмæ истой  хайад сæ мардæвæрæны.  Бæрæг периоды фæстæ  уым ландшафт аивы,  иуæй-иу рæтты   æрзаййы  хъæд,  иннæ рæтты  та цæугæдон йæ донвæд раивдта,  кæмдæрты  райдыдта арæзтад,   æмæ  ацы  хъуыддагмæ куы  нæ рывнæлдтаиккам,  уæд   цъус рæстæгмæ  нал уыдит уый гæнæн  цæмæй  ацы  мæрдтæ  ссардтаиккам» –   банысан кодта Созар Субари.