Созар Субар – не нхъæлын,  раст къахдзæф уа, «Сирцхвилиа», «Националон Змæлд» , Саломэ Зурабишвили цы ерыс  кæнынц уый, нæ парти  ахæм акциты хайад нæ райсдзæн
Созар Субар – не нхъæлын, раст къахдзæф уа, «Сирцхвилиа», «Националон Змæлд» , Саломэ Зурабишвили цы ерыс кæнынц уый, нæ парти ахæм акциты хайад нæ райсдзæн

Мæнмæ  гæсгæ раст нæу  уыцы  ерыс,  кæцы  райдыдтой  «Сирцхвилиа», «Националон Змæлд»  æмæ Саломэ Зурабишвили, уый тыххæй  дæр нæ  парти  ацы  цауы   ахæм акциты  хайад нæ райсдзæн,  – уый фæдыл  парламентон  фылдæрты  уæнг, Созар Субари  райхъусын кодта.

Созар Субари  куыд банысан  кодта афтæмæй,   зæгъгæ Гуырдзыстоны цæрджыты  86%  разы  сты  Гуырдзыстоны  европаг интеграциимæ, уый дарддæр кæны  фæстаг 39  азы  дæргъы  алы  рафарстмæ гæсгæйæ.

«Уыдæттæ бæлвырд кæнын  ног акцитæй   нæхъæуы, акцийыл  куы цæуы  ныхас  æмæ  райдайы  ерыс,  чи ауадздзæн акци, чи хъуамæ  уа  акæнæг, кæцы  акци  раздæр  ацæудзæн  æмæ чи фылдæр адæймагы æрымбырд кæндзæн, уæд  уыдæттæ мæнмæ гæсгæ  ахъаззаг не  сты  Гуырдзыстоны Европаг интеграцийæн. Ахæм цыбыр æмгъуыдты  серёзон акцитæ  саразыны тыххæй  дæр сæвзæрынц  фарстытæ  æмæ гæнæн ис,  æнæраст тæлмæн фæзына, цæвиттон  Гуырдзыстоны  цæрджыты нæ  интерес кæны  Гуырдзыстоны Европаг интеграци. Мæнмæ  гæсгæ раст нæу  уыцы  ерыс,  кæцы  райдыдтой  «Сирцхвилиа», «Националон Змæлд»  æмæ Саломэ Зурабишвили, уый тыххæй  дæр нæ  парти  ацы  цауы   ахæм акциты  хайад нæ райсдзæн»,- фехуъсын кодта Созар Субари.

Афтæма йæ дзырдæй,  зæгъгæ Саломэ Зурабишвилийы  зноны брифингæй разындис, цæмæй  арæх йæм вæййы  æнæраст информаци кæнæ  раст анализ нæ аразы,  нæдæр   архайы рабæлвырд кæнын, кæм ис рæстдзинад уый.

«Мах стæм нæ позицийыл, ома Гуырдзыстоны  цæрджыты фæнд  у  бæлвырд  æмæ  цавæрдæр акцитæй  уый ногæй  бæлвырд  кæнын нал хъæуы.  Акци куы аразыс, уæд  уымæн хъæуы  фылдæр рæстæг,  фылдæр ресурс, цæмæй  тæлмæн скæна  æддæйæ кæсджытыл  ахæм,  цахæмдæр у   реалон  уавæр.  Райсомы акци  æви иннæбоны, ацы  тæлмæн саразын  хъом нæ уыдзæн. Уый тыххæй дæр  нæ райсдзыстæм  акцийы   хайад, уый  у  нæ  балы  позици» –   загъта Субар.