Советон оккупацийы бонмæ гæсгæ паддзахадон уагдæттыл Гуырдзыстоны тырысатæ бынмæ æруагътой [видео]
Советон оккупацийы бонмæ гæсгæ паддзахадон уагдæттыл Гуырдзыстоны тырысатæ бынмæ æруагътой.
Паддзахадон тырыса æруагътой Гуырдзыстоны президенты галуаны цур, парламенты бæстыхайы цур, æндæр æмæ æндæр минстрады æмæ паддзахадон уагдæтты цур.
Тырысатæ бынмæ æруагътой администрацион бæстыхæйтты цур Гуырдзыстоны регионты дæр.
Гуырдзыстоны парламенты 2010 азы 21 июлы уагæвæрдмæ гæсгæйæ, 25 феврал советон оккупацийы бонæй расидтысты. Оккупацийы сæдæгай мин амæттæгты ном ссарынæн ацы бон Гуырдзыстоны æппæт территорийыл паддзахадон тырысатæ бынмæ æруадзынц.
1921 азы 25 февралы Уæрæсейы сырх арми Тбилис систа æмæ Гуырдзыстоны æппæтадæмон æмæ сæрибар æвзæрстыты фæндагæй æвзæрст хицауад раппæрст, æй фæстиуæгæн дæр сæххæст кодта æхсæнадæмон барады субъекты – Гуырдзыстоны Демокративон Республикæйы анекси.