Францы радæй æртыккаг ставд банкъ «Сосиете Женерал» 1600 кусæгы куыстæй сисын хъавы. Куыстуагъд фылдæр банкъы корпорацион æмæ инвестицион ардæмадмæ баххæсдзæн æмæ йæ нысан у финансон къорды æфтиаг фæфылдæр кæнын. Къардты фæкъаддæрæй францаг банкъ хардзты 500 милуан евройæ фæкъаддæр кæндзæн.
Ссæриабры планы фæдыл фидиуæн банкъ абон сарызта. Планмæ гæсгæйæ, фæкаддæр кæнинаг 1600 кусæгæй, 750 куыст бынæттæй сисдзысты Францы, иннæты та – фæсарæнты филиалты, фылдæр Нью-Йорк æмæ Лондоны.