Сомихыстоны президент йæ къух æрывæрдта  Никол Пашиняны  премьер-министрæй  снысан кæныны фæдыл барамындыл
Сомихыстоны президент йæ къух æрывæрдта Никол Пашиняны премьер-министрæй снысан кæныны фæдыл барамындыл

Сомихыстоны президент йæ къух æрывæрдта  Никол Пашиняны  премьер-министрæй  снысан кæныны фæдыл барамындыл.   ИНформацийы  уый тыххæй  хæлиу кæны   Сомихыстоны  президенты  пресс-куыст.

Премьеры постыл  Пашиняны  кандидатурæ  президентæн  бавдыста политикон иугонд  «Мæ къахдзæф», кæцы декабры   æвзæрстыты   фæуæлахиз ис æмæ   парламенты  конституцион  фылдæры хай бацахста.

Сомихыстоны ногæвзæрст  парламенты фыццаг   рабадт,  абон ацыд. Рабадтыл хицауады  структурæйыивдтыты фæдыл  законопроект кæсынц.  ФÆткдар бал  министрты нымæцы 17-æй  12-ы онг фæкъаддæр кæнын  хъавы.