Сомихыстоны парламенты бæстыхайы  уæлхæдзары зынг сирвæзт
Сомихыстоны парламенты бæстыхайы уæлхæдзары зынг сирвæзт

Сомихыстоны  парламенты   бæстыхайы  уæлхæдзары  иу хай  басыгъд.  Зынгсирвæзт  закъондæттæг оргæны  бæстыхайы  алфамбылай  территорийыл,  хъæдæй хæдзары  фæзынд,  цæй  фæстæ  дæр   арт  тагъд националон  ассамбоейы   бæстыхайы уæлхæдзарыл  бафтыд.

Цауы фæстиуæгæн  уæззау  цæф  фæцис   цæрæн хæдзары   уæвæг   фæсарæйнаг æмбæстаг,   70  аздзыд нæлгоймаг, Ика  Ронкайне.  Уый уæззау  сыгъдæй   фæхæццæ  кодтой рынчындонмæ. Э Юынатыл мобилизацигонд  зынгвæдисон экипажтæ,  бæстыхайæ  58  азыдзыд  Изабел Ронкайнейы  дæр ракодтой.  Уый  абаргæйæ   рогдæр зиæнттæ райста.

Зынгсирвæзты  аххосаг  ацы  афонмæ бæрæг нæу.  15-ы  онг  зынгвæдисон  экипаж   арты  ахуыссын кæны дыууæ сахаты  дæргъы  архайдта.