Сомихыстоны парламент ратификаци скодта тугтæрхоны барады  æхсæнадæмон  тæрхондоны Ромы статусы ратификаци скодта
Сомихыстоны парламент ратификаци скодта тугтæрхоны барады æхсæнадæмон тæрхондоны Ромы статусы ратификаци скодта

Сомихыстоны  парламент тугтæрхоны барады  æхæнадæмон  тæрхондоны  Ромы статусы ратификаци скодта.  Закъонопроекты  ратификацийæн  схъæлæс кодтой 60 депутат,  йæ ныхмæ рацыд  22.

Сомихыстон Ромы Статусыл къух бафыста 1998 азы 7 июлы фæлæ  ацы рæстгæмæ  уый ратифициргонд нæ уыд.  2004  а3ы  Сомихыстоны конституцион тæрхондон уый   уæд архайæг   конституциимæ æмæбæлгæйыл банымадта.  2022 азы  фæстагмæ  Сомизыстоны хицауд баздæхтис конституцион   тæрхондонмæ  Ромы  статусы  конституциимæ  æмбæлондзинад сбæрæг кæнынæн.  24 марты   тæрхондон  рахаста  уынаффæ, цæмæй  уый  у  æмбæлон бæстæйы   сæйраг  закъонимæ.

Бакой уын кæндзыстæм   цæмæй 17  марты   тугтæрхоны барады æхсæнадæмон  тæрхондон   Уæрæсейы преиздент владимир путины æрцахсты ордер рауагдта. Мæскуыйы райхъусын кодтой, цæмæй Сомихыстон  Ромы статусы ратификаци куы скæна  уымæн уыдзæн  негативон  фæстиуджытæ  дыууæфарсон ахастытæн.