Сомихыстоны хъахъхъæнынады министрады информацийæ,  азербайджайнæгтæ сомихаг арæнгæсты æрдæм æхстой
Сомихыстоны хъахъхъæнынады министрады информацийæ, азербайджайнæгтæ сомихаг арæнгæсты æрдæм æхстой

Сомихыстоны хъахъхъæнынады министрад Азербайджаны  æрдгæй  æхсты тыххæй хъусын кæны.

Сомихыстоны  хъахъхъæнынады  министрады информацийæ,  Азербайджаны  гарзджын  тыхтæ ноджы иу хатт  бацархайдтой  инженерон куыстытæ  ауадзын  Гегъаркуникы  районы  арæйнон зонæйы.

Бынæттон медийы хъусинагæй,  Сомихыстоны  гарзджын  тыхты  хайадтæ  азербайджайнаг  фарсмæ сидтысты  æхст бауромынмæ, цæй дзуаппæн  азербайджайнаг  фарс  Сомихыстоны позициты æрдæм æхст райдыдта,  сомихаг арæнгæстæ та дзуаппон  æхст бакодтой.

Хъахъхъæнынады  уагдоны информацийæ,  дыууæфарсон  æхсты  фæстиуæгæн  амæттаг нæй.

Азербайджайнаг  фарс, фæнысангонд инциденты тыххæй фидиуæн нырма нæ сарызта.