Сомихыстоны аивдтой фондз министрад
Сомихыстоны  аивдтой  фондз министрад

Сомихыстоны  парламент  сфидар кодта министрты  кабинеты   структурæйы  ивды  фæдыл закъон,  кæцыйы фæлгæтты, министрадты нымæц  17-æй  12-ы онг фæкаддæр ис.

Инициативæимæ сразы  сты  77 депутат, 41 та  йæ ныхмæ  схъæлæс кодтой, æрмæст иу депутат  халæппæрсты  хайад нæ райста.

Райст закъоны  фæлгæтты,  Сомихыстоны  аивдзысты   фыццаг вице-премьеры   интитут, афтæдæр,    энергетикон инфраструктурæйы æмæ æрдзон  ресурсты  министрад; культурæйы, спорт æмæ   фæсивæды министрад;  транспорты, бастдзинады æмæ  информацион технологиты  министрад, диаспорæйы  министрад, афтæдæр хъæууон  хæдзарады министрад.

Фæмацыгонд уагдæтты функцитæ   райуардзысты  æндæр министрадтæн.