Сомихыстоны æппæтон æнæкоммæгæсы акцитæ сног сты. Оппозицийы фарсхæцджытæ Ереваны уынгтæм рацыдысты æмæ сæ æрыхгæдтой. Студентты цыд Ереваны æндæр æмæ æндæр сыхты цæуы.
Оппозицийы лидер Никол Пашинян куыд райхъусын кодта афтæмæй, демонстранттæ абон Сомихыстоны сæйраг сахары цалдæр уынг æрыхгæндзысты зæгъгæ. Изæры та хатдзæггæнæн акци Республикйы фæзыл ацæудзæн.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмй Ереваны демонстрацитæ марты кæронæй райдыдтой.ю Оппозици æмæ йæ фарсхæцджытæ премьер-министр Серж Саргсяны куыстуæгъды фæдыл æркуырды сххæстмæ баххæссыдысты. Фæлæ фракци «Элкы» уæнг Никол Пашинян куыд дзуры афтæмæй, æппæтон æнæкоммæгæсы акцитæ адарддæр уыдзысты, уæдмæ цалынмæ премьерæй оппозицийы кандидаты нæ сывзардзысты æмæ мгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ снысан уыдзысты.
Премьер-министртæм æвзæрстытæ парламент фыццаг маймæ сты нысангонд. Ацы постмæ æртæ фракцийы йæ фарс хæцынц Никол Пашиняны кандидатурæйæн. Хицæугæнæг партийы та дзурынц, цæмæй зæгъгæ сæрмагонд кандидатурæ нæ раразмæ кæндзысты.



Фото-Ираклий Геденидзе