Сомихыстоны æмæ Азербайджаны арæны делимитацийы комиссийы рабадт 30 ноябры ацæудзæн
Сомихыстоны æмæ Азербайджаны арæны делимитацийы комиссийы рабадт 30 ноябры ацæудзæн

Сомихыстоны æмæ Азербайджаны арæны делимитацийы комиссийы рабадт 30 ноябры ацæудзæн –  уый фæдыл информаци сомихаг медиа хъусын  кæны Сомихыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрадыл æнцойæ.

Сомихыстоны  æддагполитикон уагдоны  хъусинагæй,  рагафон  бадзырдæй,   комиссийы рабадт, Сомихыстоны æмæ Азербайджаны  паддзахадон арæныл  уыдзæн уагъд.

Сомихыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады уæдмæ дзырдтой, цæмæй нæкæсгæ  алы  зындзинадмæ æмæ расидтмæ,  ис дыууæ бæстæйы æхсæн  сабырдзинад сфидар кæныны реалон фадат, кæцы гæнæн ис  сыххæст уа, кæд дыууæдæр фарсæй  уыдзæн политикон фæнд.