Сомихы хъахъхъæнынады министр официалон визитæй   Гуырдзыстонмæ æрцыд
Сомихы хъахъхъæнынады министр официалон визитæй   Гуырдзыстонмæ æрцыд

Сомихы  хъахъхъæнынады министр,  Сурен Папикян официалон визитæй Гуырдзыстоны ис. Уый фæдыл хъусын кæны хихъахъхъæнынады министрад.

Уагдоны информацийæ,  министрады территорийыл официалон фембæлды  церемонийы фæстæ, министртæ æмæ делегацийы уæнгтæ ауагътой  дывæрсыг фембæлд, цы ран хъахъхъæнынады секторы дывæрсыг æмæ регионалон æмкуыстдзинады фарстатæ  бакастысты.

Фембæлдыл фарсытæ дыууæ бæстæйы æхсæн хорз сыхаг, æнгом бастдзинæдтæ æмæ хъахъхъæнынады секторы  æмкуыстдзинады позитивон динамикæйыл сæйраг хъусдард аздæхтой. Ныхасы сæйраг темæтæй иу уыд регионы уæвæг æдасдзинады уавæр æмæ æртхъирæнтæ. Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны хъахъхъæнынады министрадты къухдариуæггæнджытæ ноджы иу хатт расидтысты цæттæдзинад сабырад сифтонг кæнын æмæ фæтыхджындæр кæныны фæдыл.

Коллегæтæ æруынаффæ кодтой 2026 азы дывæрсыг æмгуыстады пъланы нысангонд здæхтытыл, кæцытæ раздæры азтимæ абаргæйæ сты алывæрсыгдæр.

Фембæлды фæуды фæстæ, Сомихыстоны хъахъхъæнынады министр Хъæбатырты мемориалы номыл Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады сæраппонд тохы чи фæмард, уыдонæн кад скодта.

Гуырдзыстонмæ визиты фæлгæтты, Сурен Папикиани Церованийы, Маро Махъашвилийы номыл æфсæдтон реабилитацион центр бабæрæг кæндзæн» – ис фыст  министрады расидæны.