Сомалийы дыууæ стынд æрцыд, ис дзы фæмардуæвджытæ æмæ цæфтæ
Сомалийы сæйраг сахар Могадишойы дыууæ стынды фæстиуæгæн фæмард 11 æмæ фæцæф сты 25 адæймаг. Уый тыххæй информаци хъусын кæны агентад «Эсошиэйтед Пресс».
Фыццаг стынд Могадишойы президенты галуаны цур уæвæг контролон-ауадзæн пунктыл æрцыд, кæцыйы амæттаг фесты фараст адæймаг. Дыккаг рæмудзæн гарзæг та аэропорты æрдæм цæуæг автомагистралыл скуыста. Фæмард дыууæ адæймаг.
Бырстытыл бæрн йæхимæ райста регионы архайæг террористон къорд «АЛ-Шабааб».