Абон, Сохумы Драндæйы ахæстонæй, зæгъæн ис авдазон ахсты фæстæ, Гиорги Лукавайы ссæрибар кодтой.
Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстыты Гуырдзыстоны паддзахадон министры аппараты информацийæ, Лукавайы гуырдзиаг фарсæн радæттой Ингуры хидыл.
Гиорги Лукавайы 2011 азы майы, Галы районы Земо Баргъебийы æрцахстой æмæ йын 20 азон ахст стæрхон кодтой.
Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстыты Гуырдызстоны паддзахадон министр Кетеван Цихелашвили, Гиорги Лукавайы даргъæмгъуыдон ахстæй ссæрибары хъуыддагæн аргъ скодта, куыд гуырдзиаг æмæ абхазаг фæрстæы æхсæн гуманитарон фарстыты æмгуыстады æмæ ахастыты позитивон дæнц афтæ.
«Ай уыцы позитивон æмгуыстады дарддæрдзу у æмæ ноджы иу хорз прецедент, кæцыйы фæлгæтты нырид æрцыд Сохумы æмæ Цхинвалы ахæстæттæй, не æмбæстæгты ссæрибар. Тынг райгонд дæн, цæмæй ацы зæгъæн ис авдазон ахсты фæстæ, Гиорги Лукава сæрибар у æмæ Ногбоныл, йæхæдзары – йæ бинойнаг æмæ хъæбултимæ иумæ амбæлдзæн. Бузныг алкæмæн, чидæриддæр ацы процессы уыд баст æмæ ацы бæрзонд гуманитарон нысаниуæгы фарсты аскуыддзагы хъуыддагмæ йæ хай бахаста. Ай тынг позитивонæй бандавдзæн сабырадон процессмæ æмæ æуæнкы сног кæныныныл гуырдзиаг-абхазаг ахастыты» загъта Кетеван Цихелашвили.
Цæугæ азы 26 ноябры, абхазаг æмæ ирон фæрстимæ æмгуыстады фæстиуæгæн, 18 мæййон æнæзакъонон ахсты фæстæ, Цхинвалы ахæстонæй ссæрибар кодтой Дисеуы хъæуы цæрæг Гиорги Гиунашвили, кæцыйæн афтæдæр стæрхон кодтой 20 азон ахст. Фæстаг азты мидæг, бирæ адæймаг ссæрибари, уый нымæцы 2016 азы марты Сохумы æмæ Цхинвалы ахæстæттæй, сæрмагонд хæдзæрттæ æрыздæхтысты 14 ахæст.