«Сокар Джорджиа Газ»-мæ, лæвæрд æрцыд 21,3 милуан ларийы аргъы газдадзæн
Гуырдзыстоны хицауады барамындæй, компани «Сокар Джорджиа Газ»-мæ, лæвæрд æрцыд 21,3 милуан ларийы аргъы газдадзæн.
Паддзахадон мулкъы приватизаци комкоммæ бауæйы формæйæ сæххæст. 16 июлæй датæвæрд барамындыл Мамука Бахтадзе бафыста къух.
Газдадзæн уæвы Къаспы, Зугдиды, Лагодехы, Ахметайы, Гардабаны, Зестафоны, Озургеты, æмæ Онийы муниципалитетты.
«Сокар Джорджиа Газ» приватизацион суммæйы хай, æнæкъаддæр 8.52 милуан ларийæ» 36 мæйы æмгъуыдмæ хъуамæ бафида, баззайгæ суммæ та 48 мæймæ.