Софо Хунцъариа - план кæны библиотекæты ликвидаци нæ фæлæ - модернизаци
Плангонд у библиотекæты ликвидаци нæ фæлæ – модернизаци – уый тыххæй Тбилисы меры хæдивæг Софо Хунцъариа райхъуын кодта Тбилисы библиотекæты минæвæрттимæ фембæлды рæстæджы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, меры плангонд реформæ расидтис биботекарты хайы протест, кæцы тынг хъыгаг у, уымæн æмæ реформæ уагъд у библиотекæты уæвæг уавæр фæхуыздæр кæныны æрдæм.
Меры хæдивæг фæныхас кодта кусджыты ныллæг мыздты тыххæй æмæ банысан кодта цæмæй ацы фарст æнæмæнгæй ногæй æркаст æрцæудзæн.
«Тынг хъыгаг у цæмæй библиотекæты реформæ расидтис бæрæг библиотекарты протест. Уымæн æмæ мах план кæнæм библиотекæты ликвидаци нæ фæлæ – модернизацидзинад» банысан кодта меры хæдивæг.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, библиотекæты сырæзт уæззау уавæр. 36 бæстыхайæ 30-ы инфраструктурæ бынтон нæбæззон уавæры ис. Софо Хунцъариа загъта цæмæй архайæг уавæры рараст кæнын æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй нæм фæзына ног типы бибилиотекæтæ зæгъгæ.