Социалонæй цыбыркъух бинонты хъæбултæн 50 ларийы бæрц æххуысы алæвæрд абонæй райдайдзæн
Социалонæй цыбыркъух бинонты хъæбултæн 50 ларийы бæрц æххуысы алæвæрд абонæй райдайдзæн.
Социалон лæккады агентады куыд райхъусын кодтой афтæмæй, æхцайæ социалон æххуыс алæвæрд абон, изæры сахатты райдайдзæн æмæ этапгай алы пайдагæнæджы хыгъдыл фæзындзæн.
«100-001-æй къаддæр баллтæ кæмæн ис ахæм бинонтæ, алы 16 азы онг кары бинонты уæнгыл 50 ларийы бæрц æххуыс исынц.
Рæнхъ муниципалитетты, уæлдæрбанысангонд 50 ларийы бæрцы цæрынæн æнæмæнг æххуыс лæвæрд цæуы æхцайы хуызæй, кæнæ та æхца æрвыст æрцæудзæн бинонты банкъон картæмæ æмæ гæнæн уыдзæн æххæстæй рахæссын. Муниципалитетты хайы, 16 азы онг кары бинонты уæнгæн нымад 50 ларийы бæрц æххуысæй, 20 лари æрвыст æрцæдзæн бинонты банкъон картæмæ (суммæ рахæссыны барæй), æрмæст баззайгæ 30 лари та, «сывæллоны хæлцадæн хæъугæ картæмæ» (картæйæ æхца рахæссын бар цухæй)», – дзурынц социалон лæккады агентады.
Афтæдæр сæ информацийæ «сывæллоны хæлцадæн хъæугæ картæйæ» гæнæн ис æрмæстдæр хойраг балхæнын æмæ æнæруадзгæ у алкоголон ныуæзт æмæ тамакойы балхæд.