Социалонæй æнæхъахъхъæд  бирæзæнæгджын бинонтæн, афтæма уыдонæн, кæмæндæриддæр  социалон рейтингон баллтæ  65000-æй 100000-онг сты, паддзахад æхсæз мæйы дæргъы 100  ларийæ æххуыс кæндзæн
Социалонæй æнæхъахъхъæд бирæзæнæгджын бинонтæн, афтæма уыдонæн, кæмæндæриддæр социалон рейтингон баллтæ 65000-æй 100000-онг сты, паддзахад æхсæз мæйы дæргъы 100 ларийæ æххуыс кæндзæн

Социалонæй æнæхъахъхъæд  бирæзæнæгджын бинонтæн, афтæма уыдонæн, кæмæндæриддæр  социалон рейтингон баллтæ  65000-æй 100000-онг сты, паддзад æхсæз мæйы дæргъы 100  ларийæ æххуыс кæндзæн –  уый фæдыл Гуырдзыстоны  премьер-министр Гиорги Гахариа,  координацион советы рабадты фæстæ райхъусын кодта.

«Зондзыстут, цæмæй  нын ис 65 000  æмæ  100 000 баллы æхсæн  социалонæй æнæхъахъхъæд  цæрджыты  стыр бæрц.  Ай  у  цæрджыты уыцы  къорд, кæцы сегасдæр  цыбыркъух у  абоны æмæ  ай æнгæс кризисты рæстæджы, кæцытæ хауынц, æнæформалонæй  кусджыты  куыстуат сæфты, кæнæ  цыбырæмгъуыдон  æфтиагджын уæнгты  æфтиагæйфæцухы  рискмæ, уый тыххæй дæр ног кæнæм  ацы программæ  æмæ  65 000-æй  100 000 баллы онг  кæцы бинонтæн ис,  уыдон иууылдæр, æхсæз мæйы дæргъы   паддзахадæй исдзысты  æххуыс 100 ларийы бæрц, фыццаг  уылæны рæстæджы куыд уыдис афтæ. Йеуæд дæр ацы  программæйæ  спайда кодтой 72 мин бинонтæ.

Уымæй уæлдай,  уæлæмхасæй  0-æй 100 000 баллы онг  кæцы бинонтæн ис, кæцытæн ис  æртæ кæнæ фылдæр 16 азы онг  кары æнахъом  сывæлттæ,  æрвылмæйонæй, æхсæз мæйы дæргъы   паддзахадæй исдзысты  100 ларийы  æххуыс. Уымæй  дарддæр ма, 18 азы онг кары амалхъомдзинад цух  æмæ   карз бæрæг  амалхъомдзинад цух уæнгтæн  100 ларийы æххуыс  адарддæр уыдзæн  æхсæз мæйы  дæргъы.  Ацы программæ  баххæсдзæн 43 000 адæймагмæ»- райхъусын кодта Гиорги Гахариа.