Социалон лæггады агентады информацийæ, цæрынæн хъæугæ æххуыс, бæстæйы 432 мин адæймаг исы, уыдонæй 152 мины онг сты сывæллæттæ
2020 азы январы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны цæрынæн хъæугæ æххуыс исынц 431 902 адæймаг, кæцы у цæрджты 11,6%-ы бæрц. Статистикон бæрæггæнæнты публикаци кæны социалон лæггады агентад.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, цæрынæн хъæугæ æххуыс исджытæй 46 628 сты 0-æй 6 азы онг кары сывæллæттæ, 105 596 та – æхсæзæй 18 азы онг кары уæнгтæ. Раззаг азы декабры бæрæггæнæнтæй бæстæйы цæрынæн хъæугæ æххуыс 427 373 адæймаг иста, 2019 азы январы та – 442 112.
2019 азæй паддзахад социалонæй цыбыркъух бинонтæн фæйнæ сывæллоныл сæ æххуыс фондзхаттонæй фæфылдæр кодта æмæ йæ 50 ларийы бæрц скодта.
Ацы этапыл ИНО-йы сывæллæтты фонды æххуысæй, хицауад æххæст кæны сывæллæттæн хцайæ уæлæмхасæнты æндæвдадæн аргълæвæрд, æмæ фæстиуджытæ та афæдзы кæрон уыдзæн бæрæг. Растдæр уый фæстæ аскуыддзаг уыдзæн, куыд цæудзæн лæвæрд 50 ларийы бæрц æххуыс æнæхъæн бæстæйы масштабæй – æххæстæй æхцайæ, комбининргондæй æви æнæхъæнæй хæринаг продуктты хуызæй.