Словенийы инфраструктурайы министр – Гуырдзыстон нысаниуæгджын роль æххæст кæны зæлдаг фæндагы размæцыды
Словенийы инфраструктурайы министр – Гуырдзыстон нысаниуæгджын роль æххæст кæны зæлдаг фæндагы размæцыды

Тбилисы Зæлдаг фæндагы форумы хайадисты нысанæй Гуырдзыстонмæ Словенийы делелегаци æрцыд, æттаг хъуыдтæгты министр æмæ Словенийы инфраструктурайы министр. Питер Гашперчичийы расидæнмæ гæсгæ, форумы хайадистæй, Словени бæлвырд кæны сæрмагонд интерес уа ног зæлдаг фæндагы хай. Словенийы инфраструкутрайы министр хорз аргъ ратта Гуырдызстоны ролæн Европа-Азийы иугæнæг фæндагы размæцыдæн. «Дыгкаг хатт исын хайад ацы нысаниуæгджын форумы, хъуыды кæнын, цæмæй тынг нысаниуæгджын у ног зæлдаг фæндагы сарæзт æмæ Ази æмæ Европайы сиу. Гуырдзыстон ацы къуымæй тынг нысаниуæгджын роль æххæст кæны æмæ Словени, кæцыйы æз æвдисын, куыд инфраструкутрайы министр, Словени у Европамæ бацыды нысаниуæгджын стъæлф æмæ растдæр уымæн исæм хайад ацы форумы» -расидтис Словенийы инфраструкутрайы министр.