Словенийы фæсарæн хъуыддæгты министр – райгонд дæн Гуырдзыстоны арызт къахдзæфтæй, адарддæр кæнæд Европаг фæндаг
Дзæбæх политикон момент у, цæмæй Европæ фидардæр æмæ стырдæр скæнæм, уый нысан кæны, цæмæй Гуырдзыстонимæ, Украинаимæ æмæ Молдовæимæ иумæ саразæм нысаниуæгджын къадзæфтæ Евроцæдисы æрдæм, ацы бæстæтæ цæттæ куы уыдзысты уæд, – уый фæдыл Словенийы фæсарæн хъуыддæгты министр Таня Файон райхъусын кодта.
Министр Брюсселы куыд райхъусын кодта афтæмæй, цы ран Евроцæдисы фæсарæн хъууддæгты министрты фембæлд цæуы, уый райы Гуырдзыстоны арызт къахдзæфтæй Евроцæдисы æрдæмадæй.
«Райын Гуырдзыстоны арызт къахдзæфтæй, цæмæй адарддæр кæна Европаг фндаг æмæ афтæдæр райгон дæр комиссийы хатдзæгæй ацы бæстæйы фæдыл. Фæнды мæ банысан кæнын, цæмæй Ныгуылæн Балкантæ ма хъуамæ афæстиат уæд, ныридæгæн куыд загътон, афтæмæй уый у геополитикон хъæуындзинад. Дзæбæх фадат нын ис 2030 азмæ, Евроцæдис æххæстæй цæттæ куы уыдзæн æмæ афтæ бæстæтæ дæр, кæцы бадзырдтæ уадзынц, цæмæй бауой Евроцæдисы уæнгтæ, уымæн æмæ мæ цæстæнгас ахæм у, ома Евроцæдис суыдзæн фидардæр æмæ стыр дæр», – райхъусын кодта Файон.