Словени, Гуырдзыстоны хицауады ног сабырадон инициативæ зæрдæмæдзæугæйыл банымадта
Словени райгонддзинад æвдисы Гуырдзыстоны хицауады ног сабырадон инициативæйæ – «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм».
Словенийы фæсарæн хъуыддæгты министрады Twitter-ы официалон фарсыл публикацигонд фидиуæны банысангонд у, ома ацы къахдзæф зæгъгæ, ахъаз уыдзæн оккупацигонд Гуырдызстоны регионты адæймæгты барты æрдгæй уавæр фæхуыздæрæн.
«Словени райгонд у Гуырдзыстоны хицауады ног сабырадон инициативæйæ оккупацигонд Абхази æмæ оккупацигонд Цхинвалы регионтæм гæсгæ. Ай уыдзæн ахсджиаг къахдзæф , цæмæй конфликт аскуыддзаг уа диалогы фæрцы æм сабырадон фæндагæй» – дзырдæуы Словенийы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квиркиашвили, 4 апрелы хицауады рабадтыл бавдыста ног сабырадон инициативæ – «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм», кæцы æххæссы æртæ ардмадмæ: Фыццаг ардæмад – администрацион джихгæнæг хаххыты дæргъмæ, базарад апарахат кæнын æмæ фенондæр кæнын ног фадæтттæ саразыны фæндагæй; Дыккаг ардæма – хæрзхъæд ахуырады райсынæн уæлæмхас фадæттæ сæвзæрын кæнын æмæ сæ æнцонвадат скæнын ахуырады алы æмвæзадыл, куыд бæстæйы мидæгæй, афтæ фæсарæнты дæр; Æртыккаг Ардæмад та, ахæм механизмы саразын у, кæцыйы руаджы æнцонвадат суыдзысты уыцы дзæбæхдзинæдтæ æмæ пайда, кæцытæ бæстæйы рæзынады фæстиуæгæн, уый нымæцы евроинтеграцийы ф æндагыл фесты æнцонвадат – æнæвизæ дыууæрдæм звæлды бар, сæрибар базарады бар.