Словаки Украинайæн «Миг-29» типы 13 авиакунæггæнæг адæтта- уый фæдыл Словакийы хъахъхъæнынады министрад хъусын кæны.
Афтæма сæ информацийæ, 13-æй цыппар хæдтæхæг Украинамæ лææрд уыд марты.
«Авиакунæггæнджыты алæвæрд сыххæст ис сурзæххон транспортæй æдасдзинады макисмалон хъахъхъæнгæйæ. Бузныг ацы процессы баст тыхтæн. Ахæм уавæры уый æцæгдæр нысаниуæгджын æмæ вазыгджын логистикон операци у» – райхъусын кодта Словакийы хъахъхъæнынады министр Ярослав Над.
Словаки НАТО-йы уæнг дыккаг бæстæ у, кæцы Украинайæн авиакунæггæнджытæ ратта. Апрелы райдайæны аналогион къахдзæф сарызта Польшæ дæр, фæлæ бæрæг нæу крнкретонæй цал хæдтæхæгы райста Киев Варшавæйæ.