Скуыста портал кæцыйыл  æмбæстæгтæн уыдзæн фадат сæрмагонд  бинонты дохтыры фæдыл информаци базонын
Скуыста портал кæцыйыл æмбæстæгтæн уыдзæн фадат сæрмагонд бинонты дохтыры фæдыл информаци базонын

Гоймаг, кæцымæ  ис  респираторон кæнæ æндæр симптомтæ  æмæ нæ зоны  бинонты дохтыры кæнæ  медицинон   уагдоны   контактон информаци, йæ  бон  у  адзура  æнæнизхъахъъæды министрады тæвд хаххмæ(1505), кæнæ сæрмагонд номыр бавдисгæйæ   бацагура  информаци   порталыл – ambulatoria.moh.gov.ge, – уый фæдыл  «Ковид-19»-ы   гуырысхойаг æмæ  бæлвырд цаутæн  хæдзары  уæвгæйæ  хос кæныны   инструкцийы  æмæ  бæлвырд кæныны фæдыл  æнæнизхъахъъхæды министры  12  ноябры  бардзыды æмбæлгæ  уæлæмхасæны (COVID-19-ы гуырысхойаг æмæ  бæлвырд цаутæн  хæдзары  уæвгæйæ  хос кæныны   инструкци)  у  банысангонд.

1505-мæ хъуамæ адзурой  уыцы  уæнгтæ,  кæцы не сты  æппæтон æнæнизхъахъхъæды программæйы  бенефициартæ  æмæ нæдæр  хицæн фæдзæхсыны  схемæйы сты  иугонд, фæнысангонд номырмæ сæ  аиу  кæндзысты 112-мæ  фæдзурыны  цауы дæр.

Уæлæмхасæнмæ гæсгæйæ,   клиникæ   ифтонг  кæны  симптомтæ  кæцы  пациенттæн ис, уыдонæн  хос кæныны æрвылбойнон  режимы, 18  сахаты онг;  æнæкуыст  сахатты   паиценты  дзырдæн  дзуапп  дæтдзысты радгæс оператортæ, кæнæ та ныффысдзæн авто-дзуаппы  аппарат, дохтыр  та сæм  сæ хъус æрдардзæн  дыккаг бон.

Кæд телефонон  коммуникацийы  цауы рабæрæг уыдзæн   æнæаргъæвгæ   æххуыс æнæмæнгхъæугæдзинад,   дохтыр  телефонон дзырды  фæрцы  хъуамæ фехъусын кæна  112-ы операторæн паиценты ном, мыггаг, адрис æмæ  аххос,  цæй тыххæй хъæуы æнæаргъæвгæ  медицинон æххуысы бригадæйы лæггад, кæцыйы бындурыл, 112   ифтонг кæндзæн   тагъд æххуысы бригадæйы  бынатмæ æрвыст.