Скъолайы æддæйæ, ахуыргæнинæгты æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæй ист æрцæудзысты фæтауцæй мадзæлттæ
Ахуырады парламентон комитеты сæрдар Мариам Джашийы фидиуæнæй, Тбилисы, Хоравайы уынгыл знон æрцæугæ факты тыххæй, уый фæныхас кодта ахуырады министримæ æмæ афтæдæр, план кæны фембæлд мидхъуыддæгты министрады. Мариам Джаши куыд дзуры афтæмæй, скъолайы территорийæ дарддæр æдасдзинад фæтынгдæр кæнынæн, æфтауцæй мадзæлттæ æрцæудзæн ист.
«Къуырисæрмæ, нын уыдзæн фембæлд МХМ-ы уагдоны къухдариуæггæнæгимæ, цæмæй æркæсæм цы гæнæн ис саразын скъолайы территорийæ æддæйæ æдасдзинад фæтынгдæр кæнынæн. Уый гæнæн ис уа æфтауцæй мониторинг, видеокамерæтæ, сæрмагондæй та бæрзонд рискъы уынгтыл – адон сты æрмæстдæр мæ хъуыдытæ, кæцытæ мæ фæнды базонын кæнон мидхъуыддæгты æмæ ахуырады министртæн. Афтæдæр ис нырыккон технологитæ, кæцытæй спайда кæнын ис гæнæн, фæлæ хъуамæ бахъахъхъæнæм баланс, цæмæй полицион режим ма æрбахæссæм ахуырады системæмæ. Уый уыдзæн процесс кæцымæ баиу кæндзыстæм ныйарджыты æмæ педагогты дæр. Мæнмæ уæвæг информацийæ, знон скъолайы территорийыл мандатон куыст æххæст кодта йæ хæстæ. Уый цыдæриддæр знон æрцыд, уый уыдис скъолайы территорийы æддæйæ, мах вæццæгæн хъуамæ ахъуыды кæнæм мандатонты куысты ауæрæхдæр кæныныл, цæмæй нæ бон бауа скъолайы æддæйæ бæрæг дистанцийыл уæддæр сæххæст кæнæм мониторинг. Знон нæдæр мандатонтæн æмæ нæдæр директормæ нæ уыдис зæрдæхсады бындур, цæмæй гæнæн уыд исты конфликт æрцыдаит» – расидтис Мариам Джаши.