Сирийы  хицауад хъусын кæны, цæмæй  Израил уæлдæфон хафт сыххæст кодта Алеппойы  аэропортыл
Сирийы хицауад хъусын кæны, цæмæй Израил уæлдæфон хафт сыххæст кодта Алеппойы аэропортыл

Сирийы хицауад хъусын кæны, цæмæй Израил   Алеппойы  аэропортыл   уæлдæфон   хафт сыххæст кодта.   Уый фæдыл  «ВВС»  фыссыю   медиайы зхуъсинагæй.,   уый фæстаг   дыууæ къуырийы  дæргъы  Алеппойы   аэропортыл нырид  дыккаг   бырст у.

Сирийы хъахъхъæнынады министрады  хъусинагæй,   Израил  уæлдæфон хафт  Зæххастæу Денджызæй  сыххæст кодта, цæй  фæстиуæгæн  аэорпорт райста материалон  зиан æмæ йæ куыст фæурæдта.

Израилы хицауад,  Сирийы  хицауады  фидиуæны тыххæй  комментари  нæ сарызта.

Цыппæрæм  Сирийы  хицауад райхуъсын кодта  цæмæй  Израил  бомбæкалд сыххæст кодта  бæстæйы  дыууæ  сæйраг  æхсæнадæмон аэропорты  Дамаскъ æмæ  Алеппойы.

«ВВС» куыд фыссы афтæмæй,  фæнысангонд  аэропрттæ æнæрмæст æмбæстагон авиацийæн лæггад   кæцнынц, фæлæ ма уый ис  æфсæддон базæтæ  дæр, кæцытæ, ахæлиугонд хъусинагæй,   сты  транзитон   пункттæ  «Хезболайæн»  ирайнаг  æхсæнгарз бадæттынæн.