Сирийы æрхаудтæ уырыссаг авиакуынæггæнæг, фæмард дыууæ пилот

16:32, 03.05.2018

Сирийы  Уырыссаг  авиакуынæггæнæг  æрхаудта.  Фæмард  дыууæдæр пилот.  Уый фæдыл  фидиуæн  Уæрæсейы   хъахъхъæнынады   министрады  сырæзт.

«3 майы  сæумæрайсомы 09:45 –ыл  Сирийы   уæвæг  Хмеймимы  аэродромæй  стæхыны  рæстæджы  æрхаудта   уырыссаг авиакуынæггæнæг, Су-30.  Дыууæдæр пилот  амардысты» –  расидтысты  Уæрæсейы  хъахъхъæнынады   уагдоны.

Уæрæсейы  хъахъхъæнынады  министрады  райхæлдтой, цæмæй  катастрофæйы  аххос  гæнæн  ис,   уыдаит мæргъ, кæцы  куынæггæнæджы  змæлынгæнæгмæ  æнæнхъæлæджы  батахт. Уырыссаг æфсæддæттæ   бæлвырд кæнынц, цæмæй  хæдтæхæгыл æхст нæ цыдис зæгъгæ.

Хуыздæр