«Синовакы» вакцинайы дыккаг дозæйы райстæн регистарци райдыдта
Æнæниздзинады министрады информацимæ гæсгæ, вакцинацийæн æнæмæнг дыууæ дозæ 14-28 боны интервалы цæуы арæзт.
Уагдоны информацийæ, китайаг «Синовакы» вакцинæ, куыд «Синофарма» традицион методмæ гæсгæ у арæзт, инактивиргонд вирусы матодологимæ гæсгæ, кæцы 18 каррæй хистæр уæнгтæн у.
«Синовакы» вакцинæ авторизаци фыццæгæм июны райста.
Низты контролы националон центры информацимæ гæсгæ, Гуырдызстоны «Синовакы» 100 000 дозæ вакцинæ 29-æм апрелы уыд хаст бæстæмæ, вакцинаци 24-æм майы райдыдта æмæ абоны онг 17 199 æмбæстаг райста вакцинæ.
Регистраци гæнæн ис специалон порталыл , кæнæ та номырмæ – 15 22.