Синоптикты прогнозæй, æввахс бонты Гуырдзыстоны уыдзæн сур боныхъæд, 12 февралæй та ноджы ф æуазалдæр уыдзæн
Æрдзы националон агентады синоптикты хъусинагæй, æввахс бонты Гуырдзыстоны сур бонтæ лæудзæн. Сæ прогнозмæ гæсгæ, уæлдæфы максималон температурæ Тбилисы +4 градус уыдзæн.
Афтæдæр сæ хъусинагæй, 12 февралæй Гуырдзыстоны масштабæй, боныхъæд фæфыддæрдæр уыдзæн. Æнхъæлмæ кæсинаг сты дæлдзырæттæ, Ныгуылæн Гуырдзыстоны фылдæр, митуарды хуызæй.
«Абоны бонмæ Гуырдзыстоны уæлдæфы температурæ баст у Сау Денджызы цæгат-ныгуылæнæй æрацæуæг уазал уæлдæфы массæтæ, кæцы Гуырдзыстоны æппæт территорийыл хæлиу кæны. Уый тыххæй, ныгуылæнау, хурыскæсæн Гуырдзыстоны дæр рæстæгæй-рæстæгмæ æрбаддзæн мигъ, уый нымæцы Тбилисы дæр. Фылдæр лæудзæн сур бон. Иуæй-иу ран дымдзæн ныгуылæны æрдæм.
11 февралы лæудзæн уазал фæлæ сур боныхъæд.
Боныхъæды фæфыддæрмæ æнхъæлмæ кæсæм 12 февралæй. Хурныгуылæн Гуырдзыстоны уазал уæлдæфы массæтæ ахæлиу уыдзысты, уыдзæн дæлдзырæттæ, фылдæр районты митуарды хуызæй», – райхъусын кодта синоптик Нона Элисашвили.