Синоптикты информацийæ, Гуырдзыстоны 6-æм ноябрæй боныгъæд фæхуыздæр уыдзæн
Националон агентад 6-8 ноябры Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл информаци парахат кæны.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны 6-æм ноябрæй нал уардзæн къæвда. Æхсæвыгон æмæ райсомæй уæлдæфы температурæ фæфылдæр уыдзæн, боны дæргъы та æмхуызонæй фæбæрзонддæр уыдзæн температурæ: +12, +17 Ныгуылæн Гуырдзыстоны быдыры, барæй та +10, +15 градусы онг Скæсæн Гуырдзыстоны. Тбилисы боныхъæд уыдзæн æнæкъæвда. Уæлдæфы температурæ æхсæвы уыдзæн -1,+2 градусы, боны та +12, +14 градусы.
Денджызы былгæрæтты (Батум, Къобулеты, Анаклийы, Поты): боныхъæд уыдзæн æнæкъæвда. Боны мидæг +11, +16 градус уыдзæн фиксиргонд.
Къахеты (Сагареджо, Телави, Гурджаани, Сигънаги, Лагодехи, Кварели, Ахмета, Дедоплистскаро): боныгъæд уыдзæн æнæкъæвда. Æхсæвы температурæ æрхаудзæн 0, -2 градусы онг, боныгон та +10, +15 градус уыдзæн.