Синоптикты информацийæ, Гуырдзыстоны 17-18 июны тæркъæвда æмæ ихуарын у æнхъæлмæкæсинаг
17-18 июны рæстæгæй-рæстгæмæ æнхъæлмæ кæсинаг у къæвда, иуæй-иу ран тæркъæвда æмæ ихуарын, афонæй-афонмæ фæтыхджындæр уыдзн дымгæ – уый фæдыл информацийы хæлиу кæны æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады тугтæрхоны барады юридикъон уæнгы (ТБЮУ) æрдзы националон агентад.
Уæлдæфы температурæ, ныгуылæн Гуырдзыстоны æхсæвы сахатты +16, +21 градус уыдзæн, бон +27, +32 градусы. Скæсæн Гуырдзыстоны уæлдæфы температурæ æхсæв уыдзæн +15,+20, бон та +30, +35.
«Тбилисы 17-18 июны æнхъæлмæкæсинаг у æхсæв æмæ боны дыккаг хайæ, цыбырæмгъуыдон къæвда. Уæлдæфы температурæ æхсæв +21 градус уыдзæн, бон та +34 граудсы.
Телавы 17-18 июны æнхъæлмæкæсинаг у цыбырæмгъуыдон къæвда, Уæлдæфы температурæ æхсæвы сахатты +16,+18 градус уыдзæн, бон та +29,+36 граудс.
Батумы 17-18 июны æхсæвы нæ уардзæн, æрмæст боны дыккаг хайæ цыбырæмгъуыдон къæвда. Уæлдæфы температурæ æхсæвы сахатты +20,+22 градус уыдзæн, бон та +27,+29 градус.
Кутаисы 17-18 июны æхсæвы нæ уардзæн, æрмæст боны дыккаг хайæ цыбырæмгъуыдон къæвда. Уæлдæфы температурæ æхсæвы сахатты +17, +18 градус уыдзæн, бон та +29, +31 градус.
Зугдиды 17 июны, гæнæн ис чысыл кхæвда, 18 июны та æнхъæлмæ кæсинаг у цыбырæмгъуыджын тæркъæвда боны даккаг хайыю Уæлдæфы температурæ æхсæвы сахатты уыдзæн +17+19, бон та +28, +30 градус» -дзырдæуы æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады ТБЮУ-ы æрдзы националон агентады информацийы.