Синоптиктæ Сау денджызы донбыл районты, Уæллаг Имереты, Колхеты тæрфы æмæ Гур-Сурамы фадыгыл, фидар уады прогноз дæттынц
Æрдзы хъахъхъæды нациоанлон агентады хъусинагæй, синоптиктæ Сау денджызы донбыл районты, Уæллаг Имереты, Колхеты тæрфы æмæ Гур-Сурамы фадыгыл фидар уады прогноз дæттынц.
«6 октябрæй, 11 октябры онг, Сау Денджаза донбыл районты, УæллагИмереты, Колхеты тæрфы æмæ Гур-Сурамы фадыгыл, æнхъæлмæкæсинаг у хурскæсæны æрдæм уад, кæцыйы тагъдад 9-10 октябры гæнæн ис хуырныгуылæн Гуырдзыстоны хицæн регионты 30м/с-æй фылдæр уа», – хъусын кæнынц æрдзы националон агентады.