Синоптиктæ Гуырдзыстоны 24-25 январы уыдзæн дæлдзырæттæ , 26 январæй та хус боныхъæд
Синоптиктæ Гуырдзыстоны 24-25 январы уыдзæн дæлдзырæттæ , 26 январæй та хус боныхъæд

Алфæмблайы националон агентад 24-26 январы Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл информаци парахат кæны.

Синоптикты информацийæ, 24-25 январы æнæхъæн бæстæйы масштабæй къæвдаджын боныгъæд уыдзæн, 26 январæй та хус боныгъæд.

«Тбилисы, фылдæр сыгъдæг боныхъæд уыдзæн, уæлдæфы температурæ уыдзæн -2, æхсæвы 0, боны та +7, +9 градус.

Денджызы былгæрон регионты (Батум, Кобулеты, Анаклиа, Поты): 24-25 январы æнхъæлмæкæсинаг у къæвда, 26 январы та сыгъдæг боныхъæд уыдзæн, уæлдæфы температурæ уыдзæн +6, +8 æхсæвы, +14 +16 градусы боны.

Къахеты (Сагареджо, Телави, Гурджаани, Сигънагъи, Лагодехи, Хъварели, Ахметæ, Дедоплисцъхъаро): 24-25 январы иуæй-иу рæтты æнхъæлмæ кæсынц къæвда, фылдæр хай ихы хуызы, 26 январы та уыдзæн сыгъдæг боныхъæд. бон.

Скæсæн Гуырдзыстоны уæлхох районты (Ахалкалаки, Цъалка, Бакуриани, Гудаури, Омало): 24-25 январы иуæй-иу рæтты æнхъæлмæкæсинаг у ихуард, 26 январы та къæвда нæ уыдзæн. Уæлдæфы температурæ æхсæвы уыдзæн -8, -10, боныгон та -2, +2 градус», -ис фыст алфæмблайы националон агентады расидæны.