Швейцари, глобалон эпидемиологион уавæмæ гæсгæ, Гуырдызстон бæрзонд рискъ хæссæг бæстæты номхыгъдмæ бахаста

Уый фæдыл ис фыст фидиуæны, кæцыйы Швейцарийы Гуырдызстоны минæварад , уыцы æмбæстæгты хъусдардмæ парахат кæны, кæцытæ Швейцаримæ 12-æм октябрæй плван кæнынц бацæуын.

Минæварады информацийæ, Швейцарийы хицауад бæрзонд рискъ хæссæг бæстæты номхыгъдмæ фарастæм октябры Гуырдызстоны бахаста.

«2020 азы фарастæм октябры Швейцарийы хицауады æрдыгæй сногогнд рискъ хæссæг номхыгъдмæ æндæр бæстæтимæ иумæ Гуырдызстоны дæр бахаста глобалон пандемийы фæдыл. Æмбæстæгтæ, кæцытæ Швейцаримæ 12-æм октябрæй плван кæнынц бацæуын, хæсджын сты ацæуой 10-бонон карантин. Снысангонд уаг парахат кæны алы Гуырдызс тоныæмбæстагыл, уагы хæлды цауы хæлды ивары бæрц у 10 000 швейцарийаг франк.

Швейцарийы територимæ æрбахызты фæстæ, Гуырдызстоны æмбæстаг хæсджын у изоляцийы уа. Максимум дыууæ боны æмгъуыды хъуамæ фæдзура специалон уагдонмæ æмæ сыхæхст кæна алы уагæвæрд.