Швецийы æппæтдунеон размæцыды министр – мах Гуырдзыстоны фарсмæ лæудзыстæм, фæнды нæ Евроцæдисы уæнг суа, фæлæ тыхстгонд стæм ног законпроектæй
Швецийы æппæтдунеон размæцыды министр – мах Гуырдзыстоны фарсмæ лæудзыстæм, фæнды нæ Евроцæдисы уæнг суа, фæлæ тыхстгонд стæм ног законпроектæй

Мах Гуырдзыстоны фарсмæ лæудзыстæм, фæнды нæ Евроцæдисы уæнг суа, фæлæ тыхстгонд стæм ног законпроектæй.

Уый фæдыл Швецийы æппæтдунеон размæцыды æмкуыстдзинады æмæ æддаг базарады министр Йохан Форсел опозицийы бæрнонтимæ фембæлды фæстæ журналисттæн расидтис.

Фарстамæ цы хауы, «цы хъуамæ сараза Гуырдзыстоны хицауад, цæмæй суа Евроцæдисы уæнг» -Йохан Форсел расидтис, цæмæй йæ бон нæу зæгъа Гуырдзыстоны хицауадæн, цы хъуамæ сараза Евроцæдисмæ интеграцийæн.

«Мæнæн мæ бон у зæгъон æрмæст, цæмæй мах тыхстгонд стæм законпроектæй, кæцы арæнвæрдтæ кæны æхсæнадæн. Законпроект æмæ терминтæ дæр, фразатæ, кæцытæ мах фехъуыстам æмæ федтам, кæцытæ цырынгонд сты фæсарæйнаг агентты законыл, тынг æнæрæстæгон сты. Фæнды мæ расидон, цæмæй Швеци у Гуырдзыстоны æрдхорд. Мах фæнды Гуырдзыстон уа Евроцæдисы уæнг æмæ уа æввахс æмахастытæ æрмæст Швециимæ нæ , фæлæ ма Евроцæдисы æндæр бæстæтимæ дæр» -сиды Форсел.

Афтæ дæр Форсел расидтис, цæмæй кад кæнынц гуырдзийаг адæмæн æмæ сæ æскъуыддзæгтæн.