Шераз Гасри – Францы уынаффæ кæнæм куыд  схæцæм йæ ныхмæ фæсарæйнаг хифæкæнынæн, алы бæстæ хъуамæ ссара  уымæ æмбæлгæ  дзуапп, лæууæм агрессивон уырыссаг  хифæкæныны раз æмæ нæ фæнды уымæн  йæ ныхмæ схæцæм
Шераз Гасри – Францы уынаффæ кæнæм куыд схæцæм йæ ныхмæ фæсарæйнаг хифæкæнынæн, алы бæстæ хъуамæ ссара уымæ æмбæлгæ дзуапп, лæууæм агрессивон уырыссаг хифæкæныны раз æмæ нæ фæнды уымæн йæ ныхмæ схæцæм

Æргомæй  куы  зæгхон уæд, Францы кæсæм   нысаниуæгджын фарстатæ,к æцыты раз бирæ демократи лæууы, сæрмагондæй та, демократон процессты фæсарæйнаг хифæкæныны ныхмæ  куыд  хъуамæ  тох кæнæм  –  уый фæдыл Францы минæвар Шераз  Гасри  райхъусын кодта.

Минæвары бафарстой, Францы æддæйæ  хифæкæныны  ныхмæ тохы фæдыл  зæкъонпроекты  райсты  тыххæй.

Шераз  Гасрийы  дзырдæй, алы  бæстæ хъуамæ  ссара  уымæ æмбæлгæ  дзуапп.

«Францы лæууæм  бонæй-бон агрессивондæр  уырыссаг хифæкæныны  раз æмæ  нæ фæнды, ацы фæзынды  ныхмæ тох кæнын.  Фæнды нæ уый ныхмæ тох кæнæм адæймаджы барты  хъахъъхæды фæлгæтты, уымæн æмæ  ахæм сты нæ  хæзнатæ.  Фæнды нæ, фæнысангондимæ  афтæ тох кæнæм, цæмæй бартæхъахъъхæнæг  организациты стигматизацидзинад æмæ демонизаци ма скæнæм.   Мæ хъуыдымæ гæсгæ иттгæ нысаниуæгджын, цæмæй нæ  демократон  процесстæ ма спайда кæной уыдоны  методтæй, кæцыты ныхмæ  тох кæнын архайæм» – банысан кодта минæвар.

Францы националон ассамблей  сразы ис  æддæйæ хифæкæныны ныхмæ тохы фæдыл закъонопроектимæ,к æцы фæсарæйнаг  къухдариуæгады интерестæй архайджыты реестры  саразын дæр дары йæ  хъуыдыйы.